Мæ фыд атеист уыдис, æз та уыдтæн æмæ дæн динылхæст адæймаг. Иу хатт фæззыгон уазал, хъуынтъыз боны мæ фыд фæрсы, зæгъгæ, уынгæ дæр Кæй никуы фæкодтай, ууыл куыд æууæндыс? Хуыцау кæй ис, уымæн цавæр æвдисæйнаг æрхæссын дæ бон у? Фыд æнхъæлмæ каст дзуаппмæ, æз та хъуыдыты аныгъуылдтæн.
Ды мæ бафарстай, кæм сты Хуыцау кæй ис, уымæн æвдисæнтæ? Уæдæ уæд, байхъус, папа. Уарзондзинад йæхæдæг у Стыр тæмæс. Æмæ нын уыцы Стыр диссаг Хуыцау радты, цæмæй адæймаг бамбара æрмæстдæр иу хъуыддаг: йæ зæрдæйы уарзондзинад кæмæн æрбынат кодта, уый ракæсы йæ цæстæй æмæ бамбары царды стырдæр хæзна цард йæхæдæг кæй у. Æмæ æхсæвы, нæ уаты нæхи æруадзыны размæ афтæ зæрдиагæй дæр уымæн скувæм: «О, Хуыцау, куыд тынг мæ фæнды, цæмæй мæ уарзой æмæ мæхæдæг дæр уарзон…»
Мæ фыды цæстытæ доны разылдысты, æрбакастис мæм æмæ загъта: «Сæттын, абон рамбылдтай. Дæ аргументтæ дын исын, сæттын, уарзондзинад у Стыр тæмæссаг лæвар!»
✍️ Яна Поплавская
@XurZaerin
Æмæ йæ уæд бафарстон: «Æддейы уыныс æбуалгъ боныгъæд, уыныс тарæрфыг, мæстыгæр адæм куыд ныссалдысты, сæргуыбырæй куыд цæуынц æмæ дæуæн дæр дæ зæрдæ нырхæндæг, дæхи хорз нæ хатыс». Сразы ис мемæ мæ фыд!
«Æрымыс ма, Папæ, куы бауарзтай, гъеуæд ахæм митдзагъд æмæ уазал уарын æваст куыд фæивтой æмæ дæм афтæ кæсын куыд райдыдта, цыма тæмæссаг хъарм у боныгъæд, адæм та - диссаджы зæрдæхæлар æмæ рæсугъд! Иу уысммæ дыл дæ дуне ныррухс ис, афтæмæй та уынджы ницы фæивта!»
Ды мæ бафарстай, кæм сты Хуыцау кæй ис, уымæн æвдисæнтæ? Уæдæ уæд, байхъус, папа. Уарзондзинад йæхæдæг у Стыр тæмæс. Æмæ нын уыцы Стыр диссаг Хуыцау радты, цæмæй адæймаг бамбара æрмæстдæр иу хъуыддаг: йæ зæрдæйы уарзондзинад кæмæн æрбынат кодта, уый ракæсы йæ цæстæй æмæ бамбары царды стырдæр хæзна цард йæхæдæг кæй у. Æмæ æхсæвы, нæ уаты нæхи æруадзыны размæ афтæ зæрдиагæй дæр уымæн скувæм: «О, Хуыцау, куыд тынг мæ фæнды, цæмæй мæ уарзой æмæ мæхæдæг дæр уарзон…»
Мæ фыды цæстытæ доны разылдысты, æрбакастис мæм æмæ загъта: «Сæттын, абон рамбылдтай. Дæ аргументтæ дын исын, сæттын, уарзондзинад у Стыр тæмæссаг лæвар!»
✍️ Яна Поплавская
@XurZaerin
👍1
Forwarded from Газета «Южная Осетия»
ГАЛУАНТЫ ЛЮДӔ
ФÆЗЗЫГОН УАРЗТ
Фæззыгон уарзт, кæцæй фæзындтæ гъомæ?
Фæзыны афтæ мигъты 'хсæнæй хур.
Æрбахастай сыгъзæрин тынтæ демæ,
Кæнын дæ рухсæй æз тыбар-тыбур.
Гормон фæуай, зæгъ-ма, кæм уыдтæ раздæр,
Афтид уд мын куы бадомдта мæ боп?
Мæ зæрдæ мард уыд, хъуыдытæ æнæ тых,
Мæ цард уыди тæфæбон 'мæ фыдбон.
Дæ уарзтæй мæ бæрзонд уæларвмæ систай,
Цыма æз зæд дæн, нал дæн æз зæххои.
Æз бузныг дæн дæуæй æмæ хъысмæтæй, —
Æргомæй дын мæ хъуыдытæ зæгъои.
Мæ цард фæивта, айрох ысты зынтæ,
Дæ уарзтæй батад зæрдæйæн йæ маст.
Ызнон дæр ма нæ урæдтон мæ цæссыг,
Ныр абон худын, тавы мæ дæ уарзт.
Фæззыгон уарзт, сыгъзæрин уарзт, фæстаг уарзт,
Дæ цинæй схæцыд зæрдæйæн йæ арт.
Рæсугъд æмæ бæркадджын дæ ды цардау,
Дæуæй фидауы адæймаджы цард!
@ugo_ossetia

❤6
Forwarded from ГТРК"ИР"
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
«Рæстдзинад». 1-аг тур. (1-аг хай). Бестауты Юлия ӕмӕ Мамиты Грийы проект. 14.02.2026.
❤1🔥1
Иунæг бæлас халæтты бадæн.
Иунæг чындзæхсæвы дæр мæгуыр у.
Иунæгæй хъæды маргъ дæр нæ цæры.
@XurZaerin
Иунæг чындзæхсæвы дæр мæгуыр у.
Иунæгæй хъæды маргъ дæр нæ цæры.
@XurZaerin
❤1
This media is not supported in your browser
VIEW IN TELEGRAM
Абон Цхинвалы мысынц Афганистаны хӕсты фӕмардуӕвджыты рухс нӕмттӕ.
Микрорайон БАМ-ы хӕстон-интернационалисттӕн цы мемориалон комплекс ис, уым уагъд ӕрцыд цытджын мадзал.
Хӕстон- интернационалисттӕн сæ цырты раз сæвæрдтой дидинджытæ æмӕ веноктæ. Ардæм ӕрбацыдысты РХИ-йы Президент Гаглойты Алан ӕмӕ Хицауады уӕнгтӕ, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы Æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, 4 -ӕм ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнджытӕ ӕмӕ Афганистаны хӕсты ветерантӕ.

🙏4❤1
Forwarded from СапÆ
Media is too big
VIEW IN TELEGRAM
Цӕгат Ирыстоны парахат кӕнынц сывӕллоны тухынӕн национ хуызы конд хӕцъилтӕ
🔻 Тауаситы Мадинӕ сӕ райдыдта цымыдисаг нывӕфтыдтимӕ хуыйын. Йӕ бренд сфидар кодта 2023 азы, уӕд нырма хӕрзгыццыл куыстуат уыд. Райдыдта сӕ урс муслинӕй хуыйын. Куыдфӕстӕдӕр та йӕ бафӕндыд саив сӕ кӕнын, цӕмӕй ирддӕр ӕмӕ рӕсугъддӕр уой, уый тыххӕй.
Афтӕмӕй иуафон фембӕлд йӕ зонгӕ архитектор Етдзаты Маринӕимӕ ӕмӕ йын уый ӕрхъуыды кодта эскизтӕ.
💬 «Ӕппӕтӕй зындӕр уыд фыццаг нывтӕ ӕрхъуыды кӕнын. Маринӕйы фӕндыд фыранк сныв кӕнын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕмӕ тынг нӕ фӕцыд. Мӕхи та фӕндыд авдӕны ныв»,— дзуры Маринӕ.
➡️ Чызджыты бон баци сывӕллонмӕ хъӕрмуддзинад ӕмӕ национ нывтӕ баиу кӕнын. Афтӕмӕй фӕзындысты «авдӕн», «фыранк» ӕмӕ «фыс». Ӕрӕджы скодтой ног эскизтӕ дӕр.
⚫️ Дæхи «СапÆ»-йыл бафысс
Афтӕмӕй иуафон фембӕлд йӕ зонгӕ архитектор Етдзаты Маринӕимӕ ӕмӕ йын уый ӕрхъуыды кодта эскизтӕ.
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Уæ райсомтæ хорз, Ирыстоны адæм!
Абон нæ республикæйы уыдзæнис хъарм боныгъæд æмæ-иу тезгъо кæнынæн дæр ссарут рæстæг.
@XurZaerin
Абон нæ республикæйы уыдзæнис хъарм боныгъæд æмæ-иу тезгъо кæнынæн дæр ссарут рæстæг.
@XurZaerin
👍1
Куыроймæ дон дæлейæ уæлæмæ ничи уадзы.
Куырды хæдзар - æнæ кард.
Куыдз къуылыхæй нæ мæлы.☝️
@XurZaerin
Куырды хæдзар - æнæ кард.
Куыдз къуылыхæй нæ мæлы.☝️
@XurZaerin
👍3🔥1
Стыр мархомӕ цӕттӕгӕнӕн къуыри. Ирон адӕм ма йӕ хонынц царвкьахӕнтӕ дӕр. Ацы къуыри хӕрӕн уыдзӕн урсаг ӕмӕ фыдызгъӕлӕн. Уый фӕстӕ райдайдзӕн комдарӕн ӕмӕ дзидза хӕрӕн нал уыдзӕн, суанг Куадзӕнмӕ.
@XurZaerin
@XurZaerin
❤1
Forwarded from Газет «Рæстдзинад»
Национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»
Цæгат Ирыстоны дарддæр архайд цæуы ахуырады кусæндæтты рацарæзтыл. Бындурон цалцæджы программæмæ хаст объекттæй иу уыд Дзæуджы-
хъæуы 36-æм скъола дæр (æрбынæттон Мæскуыйаг уынджы).
Ныр дæргъвæтин бындурон цалцæджы куыстытæ ацы объектыл ахицæн сты, подрядон организацийы бригадтæ ахадгæ архайд бакодтой. Аразджытæ раивтой агъуысты сæр, стæй донуадзæн, хъармдæттæн æмæ иннæ коммуникацитæ, базылдысты ахуырадон æмæ административон кабинеттæм, æмбырдтæаразæн æмæ спортивон залтæм, æппæт иннæ бæстыхæйттæм…
Уый тыххæй фехъусын кодта Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы пресс-службæ.
бæлвырддæр кæсут:https://rastdzinad.ru/2026/02/16/natsion-proekt-faesivaed-aemae-syvaellaettae.html

📃 Уӕрӕсейы Федерацийы Республикӕ Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы Президенты Администрацийы фӕхуындмӕ гӕсгӕ хайад райстой Паддзахадон управленийы Фыццаг Ӕхсӕнадӕмон Конгрессы куысты.
Конгрессмӕ фӕуазӕг сты 1200 хайадисӕгӕй фылдӕр - Уӕрӕсейы Федерацийы Президенты администрацийы ӕмӕ Хицауады разамонджытӕ, зонадон ӕхсӕнад ӕмӕ фӕсарӕйнаг эксперттӕ дӕр.
Бӕстондӕрӕй кӕсут нӕ газеты радон номыры.

❤2👍2
🏦 Президент Гаглойты Алан, Республикӕ Хуссар Ирыстоны «Акционерон Ӕфснайӕн банг»-ыл 20 азы сӕххӕсты сӕраппонд, раарфӕ кодта бангы кусджытӕн ӕмӕ ветерантӕн.
Арфӕйы дзырдӕуы:
@XurZaerin
Арфӕйы дзырдӕуы:
«Сымах канд ӕфснайӕн хъуыддаджы хуыздӕр традицитӕ нӕ бахъахъхъӕдтат, фӕлӕ ма ныфсджынӕй модернизаци кӕнут техникон базӕ, ахуыр кӕнут нырыккон банчы технологитӕ. Уый уын фадат дӕтты алы клиентӕн дӕр ӕнцонӕмбарӕн уӕвынӕн, рӕстӕджы сидтытӕн ӕвӕстиатӕй дзуапп дӕттынӕн ӕмӕ Республикӕ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рӕзтмӕ егъау ӕвӕрӕн хӕссынӕн.
Уӕлдай арфӕйы ныхӕстӕ мӕ фӕнды зӕгъын банчы системӕйы ветерантӕн. Уӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ ӕнувыддзинад фӕзминаг сты ныры кусджыты фӕлтӕрӕн.
Уырны мӕ, дарддӕр дӕр Ӕфснайӕн банк кӕй уыдзӕн бӕрнондзинады, финансон фидардзинады ӕмӕ йӕ иузӕрдиондзинады хуызӕг Хуссар Ирыстоны адӕмы раз».
@XurZaerin
❤2👍2
Президент Гаглойты Алан, РХИ-йы «Акционерон Ӕфснайӕн банг»-ыл 20 азы сӕххӕсты сӕраппонд, Паддзахадон хӕрзӕхтӕй схорзӕхджын кодта Национ бангы кусджыты.
Президент банысан кодта финансон уагдоны куысты ахадындзинад ӕмӕ фехъусын кодта бангы кусджыты схорзӕхджын кӕныны тыххӕй.
Йӕ зӕрдӕ сын загъта ног профессионалон ӕнтыстытӕ ӕмӕ дидинӕфтыд нӕ бӕстӕйы цӕрджыты пайдайӕн.

❤1👍1
Президент Гаглойты Алан раарфӕ кодта нотариустӕн ӕмӕ нотариалон сферӕйы кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн.
Арфӕйы дзырдӕуы:
Арфӕйы дзырдӕуы:
«Нотариат сӕйраг бынат ахсы Республикӕ Хуссар Ирыстоны барадон системӕйы, уый у ахӕм институт, кӕцы адӕмӕн дӕтты фидӕны ныфс, уӕрӕх юридикон лӕггӕдты комплекс дӕтгӕйӕ.@XurZaerin
Уӕ дӕсныйад домы бӕрзонд квалификаци ӕмӕ бӕрнондзинад. Бадзырдты закъонондзинад, исбон ӕмӕ документты ӕдасдзинад хъахъхъӕнгӕйӕ, сымах не 'мбӕстӕгты бартӕ ӕмӕ сӕ закъонон интерестӕ хъахъхъӕнут, ахъаз стут ӕхсӕнады ӕууӕнкдзинад фидар кӕныны ӕмӕ граждайнаг ахастдзинӕдты рӕзтӕн.
Бузныг уӕ ӕнӕзӕрдӕхудт куыст ӕмӕ профессийы бӕрзонд стандарттыл иузӕрдиондзинады тыххӕй. Уырны мӕ, уӕ фӕлтӕрддзинад ӕмӕ зонындзинӕдтӕ дарддӕр дӕр кӕй уыдзысты фидар ӕнцой барадон тыгъдад ӕнтыстджынӕй рӕзынӕн».
❤1
Forwarded from ЮОГУ им. А.А.Тибилова
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
Forwarded from ӔГЪДАУ. Йӕ бындур, йӕ мидис. (Руслан Кучиты)
"Ирон ӕвзаг Елхоттӕй дӕлӕмӕ никӕй хъӕуы". Ацы ныхӕстӕ бӕттынц иу кадджын ӕмӕ бӕрнон лӕгыл. Нал ис немӕ, рухсаг уӕд.
Мӕнмӕ афтӕ кӕсы, чидӕртӕ куыд ӕнхьӕл сты, уыцы хуызы сӕ нӕ загьта. Кӕд, мыййаг, фӕрӕдыдис, уӕд дӕр ын ӕгӕр тызмӕгӕй ма тӕрхон кӕнӕм. Рӕстӕг ахӕм уыдис. Уарзта нӕ адӕмы, бирӕ хӕрзты бацыдис, адӕм ӕй хорзӕй мысынц.
Ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрды уыдис бахахх кӕнын, не'взаг нӕхи йедтӕмӕ кӕй никӕйы хьӕуы, уый. Ома, нӕхӕдӕг ыл хъуамӕ тыхсӕм, дзурӕм ыл, хьахьхьӕнӕм ӕй.
Кӕд афтӕ у, уӕд ма нӕ алчи йӕхи бафӕрсӕд, Елхоттӕй уӕлӕмӕ фаг уарзӕм ӕмӕ хьахьхьӕнӕм нӕ мадӕлон ӕвзаг? Фаг домӕм нӕхицӕй, нӕ кӕстӕртӕй, нӕ хиуӕттӕй, цӕмӕй уыдон дӕр уой ӕнувыд уыцы хӕзнайыл?
Хъӕуы рӕстӕмбис кар адӕмы ӕмӕ ӕрыгон ныййарджыты сӕ фыдӕлты ӕвзаг?
Кӕд хьӕуы, уӕд нӕм Дзӕуджыхьӕуы дӕс сывӕллонӕй иу йедтӕмӕ иронау (дигоронау) цӕуылнӕ дзуры?
Сӕ сывӕллӕттӕ рӕвдауӕндонтӕм кӕмӕн цӕуынц, уыцы мадӕлтӕ цӕуылнӕ домынц карзӕй, цӕмӕй уыцы рӕвдауӕндӕтты саразой ирон кьордтӕ? Цӕуылнӕ домӕм, цӕмӕй скьолаты мадӕлон ӕвзаг мӕгуыр сидзӕры уавӕры ма уа, фӕлӕ иннӕ предметты ӕмвӕз?
Ӕнӕмӕнг бирӕ цыдӕртӕ хицауадӕй аразгӕ сты. Фӕлӕ, дам, сывӕллон куы нӕ кӕуа, уӕд ын мад хӕринаг нӕ дӕтты. Кӕуынӕй нӕ Хуыцау бахизӕд, фӕлӕ нӕ домӕнтӕ ӕргомӕй куы нӕ ӕвӕрӕм хицауад ӕмӕ депутатты раз, уӕд уыдон кӕцӕй бамбардзысты, цы нӕ фӕнды, уый?
Куы афӕлгӕсын мӕнӕ ахӕм мессенжертыл, куы байхьусын адӕммӕ, уӕд мӕм афтӕ фӕкӕсы, цыма нӕ фылдӕр искӕмӕ ӕнхьӕлмӕ кӕсынц исты саразынмӕ: чиновниктӕм, Аланты Ныхасмӕ, скьолатӕм, ахуыргӕндтӕм, ... Айдагь ӕнхьӕлмӕгӕсгӕйӕ ӕмӕ сидгӕйӕ та хьуыддаг размӕ нӕ цӕуы. Таурӕгьы Уастырджи доны ныгьуылӕгӕн куыд загьта: "Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн, фӕлӕ дӕхӕдӕг дӕр дӕ кьухтӕ ӕмӕ дӕ кьӕхтӕ базмӕлын кӕн"...
Нӕ фидӕн нӕхи кьухты ис. Елхоттӕй дӕлӕмӕ нын, зынтӕй, исчи батыхсдзӕн не'взаг ӕмӕ не'гьдауыл. Ӕнӕ уыдонӕй та нын фидӕн нӕй. Уыцы фидӕн нӕ алкӕмӕй дӕр у аразгӕ. Алчи фыццаджыдӕр йӕхимӕ агурӕд, иннӕтӕй цы домы, уыдон. Уӕд Елхоттӕй уӕлӕмӕ алцыдӕр хорз уыдзӕн. Уымӕй дӕлӕмӕ та кӕй куыд фӕнды, афтӕ.

👍2
Абон нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцыдысты Республикӕ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады делегаци сæ министр Олег Барцицы сæргълæудæй.
Делегацийы сконды сты: Республикӕ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Одиссей Бигвава, министры æххуысгæнæг Дмитрий Амичба, Стратегион æмгуыстады департаменты хистæр Джемал Баба, Финансон пъланон департаменты хистæр Владимир Хашиг, Паддзахадон протоколы департаменты референт Саид Тарба.
Абхазы делегацийæн фембæлдтытæ уыдзæн нæ республикæйы разамынадимæ, афтæ ма нæ республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æмæ Абхазы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минювæрттæ сæ къухтæ бафысдзысты 2026-2027 азтæн Консультациты пъланыл.
Æфсымæрон Абхазы делегацийæн йæ кусæгон балц аххæсдзæн 19-æм февралмæ.

Forwarded from Минздрав Южной Осетии
подготовки аппарата для следующего пациента.
Договор включает:
Подписаться на Минздрав РЮО
Please open Telegram to view this post
VIEW IN TELEGRAM
❤1👍1